Шойгу бахӕс кодта сӕххӕст кӕнын СӔО хӕстон Роман Рудаковы фӕстаг куырдиат

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik. Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министр, ӕфсады инӕлар Сергей Шойгу бахӕс кодта сӕххӕст кӕнын сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) хӕстон Роман Рудаковы куырдиат "фӕкӕсын мӕ мад, хо ӕмӕ ӕфсымӕрмӕ", хъусын кӕны РИА Новости.
Донецкаг адӕмон республикӕйы Марьинка цӕрӕн пункт ссӕрибар кӕнын фӕстӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ссардтой пырх хӕдзары фыст къулыл: "Чи мӕ ссара – фӕкӕсут мӕ мад, хо ӕмӕ ӕфсымӕрмӕ. Рудаков Роман Александры фырт. Горӕт Батайск".
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ йе ‘мгӕрттӕ бахызтысты ӕнӕмсӕр тохы ацы аз сӕрды.