Хуссар Иры ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрӕн снысан кодтой ног хӕдивӕджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад сфидар кодта Пухаты Аленайы кандидатурӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕджы бынатмӕ.
Уагдоны разамонӕг Джыгкайты Томас банысан кодта, кӕй йӕ снысан кодтой вакантон бынатмӕ.
Йӕ ныхӕстӕм, Пухаты Алена у медицинон зонӕдты кандидат, ис йын стыр фӕлтӕрдзинад Уӕрӕсейы медицинон уагдӕтты.
"Йӕ ӕххуыс Хуссар Ирыстоны ӕнӕнздзинад хъахъхъӕнынады къабазӕн бирӕ азты дӕргъы у егъау", - банысан кодта министр.
Хицауад ӕмхъӕлӕсӕй сфидар кодта Пухаты Аленайы кандидатурӕ.