Хуссар Иры цæрджытæн цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты тарифтæ нæ фæивдзысты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад сфидар кодта тарифтæ цæрæнуатон-коммуналон лæггæдтæн.
Экономикæйы министр Хъотайты Сæрмæты ныхæстæм гæсгæ, уагдон сарæзта экномикон æгъдаумæ гæсгæ фидаргонд тарифтæ 2024 азы.
"Æппæт тарифтæ баззадысты ацы азы тарифты арæнты", - банысан кодт министр хицауады рабадтыл.
Контролон-нымайæн палатæйы разамонæг Плиты Алымбегмæ фæзынд фарст, бандавдзæн ЦКХ лæггæдты аргъыл æртаджы аргъы фæфылдæр æви нæ.
Хъотайты Сæрмæт бахахх кодта, ныртæккæ æргътæ зынгæ кæй къаддæр кæнынц Уæрæсейы дæр. Уый бафтыдта, прогнозтæм гæсгæ, æртаджы аргъ дарддæр дæр кæй къаддæр кæндзæн.
Республикæйы коммуналон лæггæдты æргътæ фæстаг хатт схызтысты 2023 азы март æмæ июлы.