Октябры номыл колхоз йæ паддзахадон хæс мæнæуæй ахицæн кодта. Комбайн цы мæнæуы хуымтæм нæ арæхст, уыдон къухæй æркарстой æмæ сæ мæкъуылтæ самадтой. Най кæнын хæсгонд уыд Гогийы бригадæн. Фæлæ иьнæ бригæдтæй дæр рацыдысты.
Найгæнджытæн сæ хид сæ рустыл лæдæрсти, рыг сыл сбадт, фæлæ уæддæр фæлладхуыз нæ уыдысты.
Рувын афон рувынмæ чи нæ цыд, уыцы сылгоймæгтæй дæр чидæртæ рацыд æмæ сæм Битър дзырдæппарæн кодта:
— Сырх мæнæу куы ауыдтат, уæд дзæбæх куы рацыдыстут... фæлæ фæллойбонтæм гæсгæ дæтдзысты аванс.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.