Æлборты Алан РХИ хайадисты тыххæй æхсæнпарламентон конференцийы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты фракциты къухдариуæггæнджыты хайадист IV "Парламентон æмгуырстады фæдыл æхсæнадæмон конференцийы "Роль взаимодействия фракций политических партий и блоков в межпарламентском сотрудничестве стран СНГ", ис стыр нысаниуæг. Уый тыххæй Sputnik радзырдта РХИ парламенты спикер Æлборты Алан.
"Ацы конференцийы иууыл ахсджиагдæр уый у æмæ мах амайæм ахастытæ Уæрæсейы Федерацийы партитæ, блоктæ, фракцитимæ, ХПЦ паддзахадты партитимæ, мах исæм сæ фæлтæрдзинад, пайда кæнæм æмæ йæ уæрæхдæр кæнынц. уый у тынг ахсджиаг конференци, уым махæн нæ бон у сæрмагонд ахастытæ æрнывыл кæнын æндæр паддзахадты партиты сæрдæрттимæ, кæцытæ дарддæр сæ бон уыдзæн махæн баххуыс кæнын æмгуыстады паддзахадон æмвæзадыл", - загъта ныхасæмбал.
IV "Парламентон æмгуырстады фæдыл æхсæнадæмон конференцийы ацыдис Мæскуыйы 12-13 декабры.