ЦХИНВАЛ, 21 дек - Sputnik. Милицийы кусджытæ дарддæр кæнынц рейдтæ Цхинвалы базарадон объекттыл, фадыгон кусджытæ ссардтой 300 пиротехникон æрмæджы, фæткхалджыты фæдыл сарæзтой административон протоколтæ, кæцытæ æрвыст æрцæудзысты тæрхондонмæ, хъусын кæны цыппæрæмы РХИ МХМ пресс-службæ.
"Фадыгон æххæстбарджынтæ æрвылбон уадзынц рейдон мадзæлттæ столицæйы базарадон объектты, реализацимæ тобæгонд пиротехникон æрмæджытæ ссарыны тыххæй. Милицийы кусджытæ фæдзæхсынц индивидуалон амалиуæггæнджыты, пиротехникон æрмæджытæ кæй нæй гæнæн уæй кæнын, афтæ ма фысгæ документтæй хъусын кæнынц, дзуапп сæ кæй æрдомдзысты", - банысан кодтой уагдонады.
МХМ бахахх кодтой, рейдтæ кæй цæуынц мидхъуыддæгты министры барамындмæ гæсгæ республикæмæ æнæлегалонæй пиротехникон æрмæджытæ æрбаласыныл тобæйы тыххæй. Рейдтæ цæудзысты æнæхъæн республикæйы территорийыл ногазон бæрæгбонты онг.