Хуссар Иры иу къуыримӕ ӕрцыд ӕртӕ ФТЦ, уыдоны фӕстиуӕгӕн ӕртӕ адӕймаджы амардысты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы, уыдоны фӕстиуӕгӕн ӕртӕ адӕймаджы амардысты ӕмӕ ноджы ӕртӕ та райстой цӕфтӕ, фехъусын кодта къуырисӕры республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ иу къуыримӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 310 фӕткхалды, 18 шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй.
МХМ ма банысан кодтой, ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны кӕй не срегистраци кодтой фыдракӕндтӕ, алыхуызон ӕхсӕнадон фӕткхӕлдты тыххӕй милицийы кусджытӕ бӕрнмӕ ӕрбаздахтой дыууӕ адӕймаджы.