Хуссар Иры Ленингоры районы цалдæр хъæуы митуарды тыххæй баззадысты æнæ рухсæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 дек - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы митуарды тыххæй æнæ рухсæй баззадысты Цъинагары регионы цалдæр хъæуы, фехъусын кодта районы администрацийы пресс-службæ.

"Стыр дæлдзырæгты фæстиуæгæн регионы 24 декабры æхсæвы спровокаци кодтой локалон технологон хæлдтæ электрохызæгтыл. Ленингоры районы электрохызæгты сæргълæууæг Тыджыты Хазбийы ныхæстæм гæсгæ, æдæппæтæй аварийы фæстиуджытæ аиуварс кæныны тыххæй архайы электрикты дыууæ бригадæйы", - радзырдтой пресс-службæйы.

Аварийы бынат нырма не сбæрæг.