Хуссар Иры уæрæсейаг æфсæддон базæйы æмбуархæцджытæ хайад исынц Ростов-на-Донуйы турниры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг æфсæддон базæйы æмбуархæцджытæ хайад исынц Хуссайраг æфсæддон зылды чемпионаты æмбуар хæстæй, тохтæ райдыдтой къуырисæры Ростов-на-Донуйы, хъусын кæны зылды пресс-службæ.
Ерысты ма исынц хайад ХÆЗ æфсæддон хæйтты командæтæ, кæцытæ дислокацигонд сты Уæрæсейы алы регионты, афтæ ма Абхаз æмæ Сомихстонæй.

"Зылдон этапы чемпионаты хайадисджытæ се ᾿ппæт дæр рахызтысты æвзæрстыты баиугондты. Тохты исынц хайад алыхуызон уæзы категориты æфсæддонтæ, кæцытæн ис спортивон къæпхæнтæ æмæ нæмттæ æмбуар хæстæй", - банысан кодтой ХÆЗ.

Турнир цæуы олимпиаг системæмæ гæсгæ – "раиртасын"-æй. Фæстиуджытæм гæсгæ рабæрæг кæндзысты уæлахиздзаутæ.
Тохты призертæ хорзæхджын æрцæудзысты кубоктæ, майдантæ, кады гæххæттытæ, тырысатæ æмæ зынаргъ лæвæрттæй ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ.
ХÆЗ зард æмæ кафты ансамблы сфæлдыстадон коллективтæ ауаддзысты равдысттæ турниры хайадисджытæн.