Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. II хай. IX сæр

Sputnik
Районы æмбырды кой дыккаг бон адæмыл айхъуыст æмæ хъæуы æндæр дзырд нал уыди. Æмбырды уынаффæтæ бæлвырд кæм зыдтой, фæлæ сæм уæддæр хорз фæкастысты, æхсызгон сын уыдысты. Устытæ райсом раджы сæ хъуццытæ раскъæргæйæ, къордтæ-къордтæ лæууыдысты тигътыл æмæ æмбырды хабæрттæ кодтой, алчи ма сыл йæхицæй æфтыдта, афтæмæй.
Дали йæ дыууæ хъуджы æмæ уæныг куы ратардта, уæд ыл сыхы устытæ амбырд сты.
— Дали, ды хуыздæр зондзынæ хабæрттæ, Ислам дын сæ дзырдтаид, кæимæ нын иу кæнынц иæ колхоз?
Афтæ дзурынц "Кавказ" дæр, дам, мах колхозимæ уыдзæн, — загъта иу ус.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.