ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik. Цхинвалы базаронд объекттыл рейдон мадзæлтты рæстæджы милицийы фадыгон инспектортæ сконфискаци кодтой пиротехникон æрмæджыты 1300 иуæджы, хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
"Милицийы кусджытæ фæдзæхсынц индивидуалон амалиуæггæнджыты æмæ дуканиты хицæутты пиротехникæ уæй кæныны фæдыл тобæйы тыххæй, афтæ ма сын фехъусын кæнынц бæрндзинады тыххæй, кæцы сæм æнхъæлмæ кæсы закон фехалыны фæстиуæгæн", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Рейдтæ адарддæр уыдзысты республикæйы районты ногазон бæрæгбонты кæронмæ.