Хуссар Иры УУМ сиды шофыртæм, цæмæй æнæ æнæмæнг хъæуындзинадæй ма цæуой Транскамыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Ручъы тоннелы хуссарварс уары мит, Транскавказаг автомагистраль гом у, фæлæ Уæлвæткон уавæрты министрад (УУМ) сиды шофыртæм, цæмæй æнæ æнæмæнг хъæуындзинадæй ма цæуой трассæйыл, фехъусын кодтой Sputnik-æн министрады радгæсон хайады.
Уагдон хицæнæй сиды Цхинвалы цæрджытæм, цæмæй уой арæхстджындæр.
"Столицæйы æруарыд мит, райсоммæ уавæр февзæрдæр кодта къæвда. Бæлæстыл æмæ агъуыстытыл æрæмбырд уæззау мит, уый фæстиуæгæн æрхаудтой стыр наз бæлæсты къалиутæ Октябры æмæ Хетæгкаты уынгтыл", - загъта радгæсон.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.