ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы скъола-интернаты дыццæджы ацыд бæрæгбонон мадзал – ногазон наз бæласы баконд.
Æрбалæугæ Ног азы цытæн скъолайы хъомылгæнинæгтæн раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан.
"Ацы сывæллæттæ, гæнæн ис, цæмæйдæрты сты цух, уый фæдыл нæ хæс у, цæмæй сæм фылдæр хъусдард здахæм. Цалдæр боны фæстæ æрбалæудзæн Ног аз, æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы амонд æмæ хæрзæбон", - загъта президент.
Ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой кафæн æмæ вокалон номыртæ Митын Дада, Митын чызг æмæ аргъæутты æндæр хъайтарты хайадистæй. Концерты алкæцы хайадисæг дæр равдыста йæ курдиат, фæлæ иууыл тынгдæр кæсджыты зæрдæмæ фæцыд дракон Тоша – 2024 азы символ.
Открытие елки в в школе-интернате
© Sputnik / Михаил Авагимов