Цхинвалы Сывæллæтты галуаны радзырдтой ногазон каникулты равдыстытæм цæттæ кæныны тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik. Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны 70 хъомылгæнинаджы ралæудзысты Хуссар Ирыстоны райдайæн кълæсты ахуыргæнинæгты раз равдыстыты, фехъусын кодта Sputnik ССГ директоры хæдивæг хъомыладон куысты фæдыл Сиукъаты Мальвина.

"Ацы аз у Нартиадæйы Аз, уымæ гæсгæ, мах æруынаффæ кодтам нæ равдыстыты спайда кæнын Нарты эпосы элементтæй. Уымæй дарддæр ма нæм уыдзæн концертон программæ æмæ зилахар ногазон бæласы алыварс. Ӕртыккæгæм январы ауадздзыстæм президентон назбæлас сæрмагонд æфсæдон операцийы фæмардуæвæг хæстонты сывæллæттæн", - бафтыдта Сиукъаты Мальвина.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ногазон равдыстытæм сæ нывæсты ис 2024 азы фыццаг бонты æрбахонын 2,6 мин сывæллоны.