Фӕсивӕдон змӕлды активисттӕ ӕххуыс кӕнынц иунӕг карджын адӕмӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Политикон парти "Ныхас"-ы фӕсивӕдон хайад срӕвдз кодтой иунӕг ӕмӕ карджын адӕмӕн ӕххуысы проект, фехъусын кодта волонтертӕй сӕ иу Чъелиты Марик.
Проект райдыдта ацы аз фӕззӕджы.
"Фыццаг ӕххуыс кодтам тыхст уавӕры кӕй базыдтам, уыдонӕн. Фӕлӕ социалон хызӕгты куы сарӕзтам хъусинаг, уӕд нӕм райдыдта цӕуын бирӕ куырдиаттӕ ӕмӕ хатгай нӕм бон дыууӕ командӕ фӕкусы хицӕн адресты, нӕ минӕвӕрттӕ ныллыг кӕнынц суг иунӕг адӕмӕн", - загъта волонтер.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, иунӕг ӕмӕ карджын адӕмӕн ӕххуысы проект фӕсивӕд адарддӕр кӕндзысты 2024 азы январӕй.