Гаглойты Алан: фервæзын кæныны сæраппонд сгуыхтдзинад у ирвæзынгæнджыты куысты æцæг нысан

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik. Ирвæзынгæнæг у иууыл уæздандæр æмæ кадджындæр професситæй иу, ирвæзынгæнджытæ фыццаг æрбацæуынц æххуысмæ зындзинады бахауæг адæммæ, банысан кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йæ арфæйы телы ирвæзынгæнджытæн, кæцытæ æртыццæджы нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон.
"Фервæзын кæныны сæраппонд сгуытдзинад у ирвæзынгæнджыты куысты æцæг нысан", - бахахх кодта паддзахады сæргълæууæг.
Президент бузныг загъта ирвæзынгæнджытæн сæ бæрзонд профессионализм æмæ хъуыддагмæ иузæрдыгдзинады тыххæй. Гаглойты Алан бафтыдта, зæгъгæ, йæ фидарæй уырны, ирвæзынгæнджытæ дарддæр цæстгомджынæй кæй кæндзысты сæ куыст.