Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрад хатдзæгтæ скодта 2023 азы куыстæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад 2023 азы æххæст бæрцæй сæххæст кодта йæ разы лæууæг æппæт хæслæвæрдтæ, фехъусын кодта уагдоны сæргълæууæг Марат Павлов.
Министр бахахх кодта, Гарзджын тыхты ацæугæ аз кæй уыд пайдаджын. Ивгъуыд аз фæфылдæр кодтой мадзæлтты нымæц хæстон æмæ мобилизацион цæттæкæнынады фæдыл.
Министрады разамонæг 2024 азмæ нывæстыты æхсæн рахицæн кодта командон-штабон ахуыртæ, тренировкæты комплекс сабыр рæстæгæй хæстонмæ ракæныны фæдыл.
"Мæхицæн иууыл ахсджиагдæр хæслæвæрдтæй иуыл нымайын хъусдард æфсæддонты социалон хъахъхъæнынадмæ. 2024 азы фыццæгæм январæй куысты мызды фæдыл бадзырды фæлгæтты ацæудзæн æфсæддонты мызды фæфылдæры радон этап", - загъта министр.
Марат Павлов бузныг загъта æфсæддонтæн сæ удуæлдай куысты тыххæй ацы азы дæргъы.
В Минобороны Южной Осетии подвели итоги года