Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. II хай. XII сæр

Sputnik
Дыууæ мыггаджы сæхи стыр циндзинадмæ цæттæ кодтой: Цорæтæ чызг æрвитынмæ, Доййатæ та чындзхæссынмæ. Дзерассæ фæхъæлдзæгдæр, йæ цæстыты цард схъазыд, фæлæ дзы мæт та фылдæр бацыд. Йæхи цæттæ кæны чындзы цæуынмæ. Ие 'мбæлттæ йæм арæх æрбауайынц æмæ йæ хъæлдзæг дарынц, алчидæр ын æххуыс кæны, йæ бон цæмæй у, уымæй.
Доййатæ Цорæтæн æмбисонды хуын æрхастой.
Æмæ уыцы хуыны кой йедтæмæ ницуал ис ныр цалдæр боны æнæхъæн хъæуы. Доййатæн суанг сæ дард хæстæджытæн дæр хуыны мидæг лæвар уыди. Мæхæмæтæн цъæх тинтъычъи басылыхъхъ.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.