Борæиты Рукъы хохрагъмæ бирæ нал хъуыд. Æрбазынд сæм Ресы хох. Сæ акомкоммæ Назджыны хох. Хохрагъы дæлвæччи, иу æрдузгонды бамбæлдысты ирон лæппуты хæцæг къордыл. Борæ дзы базыдта кæйдæрты. Агуырдта ма дзы кæйдæр цæстæнгасæй, фæлæ йыл не ‘рхæцыд йæ цæст. Зæронд Борæ агуырдта йæ фырт Сосланы. Матейы къорды йын уыд. Кæцæйдæр фæзындысты Санахъоты Мате æмæ Гаглойты Рутен.
0 Мате, уый ды дæ? Æнхъæл нæ уыдтæн æмæ уыл амбæлдзынæн ам. Куыд стут? – Стæй Рутенмæ фæкаст. – Рутен, рагæй дæ нал федтон дæу дæр. Уæ къордæй бирæ исчитæ фæхъуыд? Мæхи лæппу та кæм ис, Сослан?
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.