Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. II хай. XV сæр

Sputnik
Зымæг аивгъуыдта. Ралæууыдысты апрелы фыццаг бонтæ. Зæхх хуры тынтæм æртæфсти. Дæттæ фæбур сты æмæ тындзгæ уайынц, æппындæр сæ ничиуал уромы. Цъиутæ дард бæстæтæй æрыздæхтысты æмæ, хъæлдзæг цъыбар-цъыбургæнгæ, бæлæстыл æрфысым кодтой.
Зæххыкуыстгæнджытæн уалдзæджы бирæ змæлд уыдис. "Октябр"-ы колхозы разамонджытæ ма-иу кæд искуы-иу-хатт бауадысты правленимæ, æндæр æхсæвæй-бонæй уыдысты быдыры. Хъамболат та æппындæр нал цыди хъæумæ.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.