Сау тымыгъ. Чи куырдта йӕ мард мадӕй ӕхсыр?

Sputnik
Ирыстонӕн йӕ цӕгат хаймӕ куы ахызтысты Борӕ ӕмӕ лӕппутӕ, уӕд сӕ зӕронд лӕг уадиссаг нал тыхсын кодта. Уый размӕ-иу сӕм кӕд арӕх дзырдта, фезмӕлут, ратындзут, рӕвдздӕр, уӕд-иу сӕм ныр та арӕхдӕр бадзырдта, зӕгъгӕ, аулӕфут хъӕбултӕ, мӕнӕ аууоны нӕхи ӕруадзӕм. Уымӕн ӕмӕ уыцырдыгӕй тугхор знагӕй тас нал уыд. Стӕй хӕхтыл хизгӕйӕ уазал уыдис тынг ӕмӕ цӕгатырдыгӕй афтӕ уазал нал уыд. Кӕд Чъребайӕ Ручъы хохрагъы онг куы цыдысты, уӕд арӕх ӕмбӕлдысты адӕмы мӕрдтыл, кӕмӕн-иу дзы йӕ сӕр ӕхсаргардӕй уыд фаст, чи та-иу дзы уыд нӕмыгдзӕф, уӕд цӕгатырдыгӕй афтӕ нал уыд.
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.