Гаглойты Алан фембӕлд СӔО фӕмардуӕвӕг хӕстонты бинонтимӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 дек – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан майрӕмбоны фембӕлд сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) фӕмардуӕвӕг хӕстонты бинонтимӕ. Зассеты Ахмӕт, Бахъаты Андрей, Кортиаты Инал, Тедеты Алан, Козаты Владимир, Джиоты Ацӕмӕз, Касаты Генрих, Къацты Ремик, Хъораты Георгий ӕмӕ Бестауты Азӕмӕты бинонтӕ ӕрныхас кодтой президентимӕ.
"Сымахыл 'рцыд стыр зиан. Мах нӕхи нымайӕм хӕсджыныл уӕ разы. Ног аз ӕрцӕуы, ӕмӕ нӕ фӕнды ӕрнымӕг кӕнын уӕ рызт. Зын у ссарын тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕ. Фӕлӕ махӕн нӕ бон нӕу ныууадзын сабиты ӕнӕ хъусдардӕй. Ацы лӕппутӕ ӕмбӕрстой, кӕдӕм цӕуынц. Уыдон равдыстой сӕ хъайтардзинад. Сӕххӕст кодтой сӕ хӕстӕ ӕмӕ радтой сӕ цӕрдтӕ. Равдыстой Фыдыбӕстӕмӕ уарзондзинады дӕнцӕг", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Президенты чысыл уазджытӕн радтой ногазон лӕвӕрттӕ.
Гаглойты Алан фембӕлд СӔО фӕмардуӕвӕг хӕстонты бинонтимӕ