Хуссар Ир рахæцыд Киевы режимæй Сывæллæтты барты конвенцийы фехæлды уынаффæйы фарс

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламент рахæцыд УФ Федералон æмбырды палатæйы уынаффæйы фарс ООН, æхсæнадæмон парламентон организацитæ æмæ дунейы паддзахадты парламенттæм Сывæллæтты барты конвенцийы фехæлд Киевы режимы фыдракæндон архайды фæстиуæгæн.
Æддагон политикæйы парламенты комитеты сæрдар Дриаты Заза банысан кодта, уынаффæйы кæй ис фыст Уæрæсейы æгæрон тыхстдзинад Украинæйы Гарзджын тыхты фыдракæндты æвирхъаудзинад æппæты æдых цæрджыты хай – сывæллæтты ныхмæ.
Депутаттæ æмдзырдæй схъæлæс кодтой ацы уынаффæ æрфидар кæнын æмæ йæ арвитын УФ Совфедмæ.