Хуссар Иры президент раарфӕ кодта Ног азы цытӕн ДАР ӕмӕ ЛАР-ӕй лигъдӕттӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 дек — Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта ӕрбалӕугӕ Ног азы цытӕн Донецк ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕтӕ лигъдӕттӕн, кӕцытӕ цӕрынц Цхинвалы.
"Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы, цӕмӕ Ног азы сӕххӕст уой уӕ бӕллицтӕ. Нӕ бӕллицтӕ сты ӕмхуызон – цӕмӕй алцыдӕр ӕрсабыр уа, ӕмӕ нӕ лӕппутӕ сӕрыгасӕй ӕрыздӕхой сӕ хӕдзӕрттӕм. Мах дарддӕр дӕр алцыдӕр араздзыстӕм, цӕмӕй йӕхи ӕнӕхъусдард мачи фӕхата", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Лигъдӕттӕй сӕ иу Светлана Логачева йӕхирдыгӕй бузныг загъта Гаглойты Алан ӕмӕ ӕппӕт ирон адӕмӕн хъарм райсты тыххӕй.
Гаглойты Алан ноджы иу хатт бахахх кодта, алыхатт дӕр цӕттӕ кӕй у ӕххуыс кӕнынӕн Цхинвалы цӕрӕг бинонтӕн.