Дыгургомы урссӕр хӕхтӕ тарӕрфыгӕй кастысты уырдыгмӕ. Сӕ дыдӕгъты ӕнусон цъититӕ дӕр фӕӕсаубын сты, сау тымыгъ кӕй фӕхаста, ӕмӕ ныр сӕ дӕлвӕччиты Хуссар Ирӕй цы лигъдон адӕм цӕуынц Дыгурырдӕм, уыдоны тӕригъӕддаг уындӕй…
Уӕззау хабар фехъусгӕйӕ ӕрбамбырд сты Дыгургомы разагътайы лӕгтӕ. Сылгоймӕгтӕ дӕр ӕртӕдӕлармӕй лӕууыдысты фӕсвӕд ӕмӕ хъуыстой лӕгты ныхасмӕ. Адӕмы бардзы размӕ рахызт зӕрондгомау лӕг, исдуг зӕхмӕ ӕдзынӕг фӕкаст, стӕй хӕхтыл йӕ цӕстӕнгас ахаста ӕмӕ райхъуыст йӕ бӕзджын ныхас…
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.