…Бирӕ фыдӕбӕттӕ бавзӕрстой Борӕ ӕмӕ йӕ фырты фырттӕ хӕхты сӕрты хизгӕйӕ. Зӕронд лӕг никуы бамбӕлд йӕ бинонтыл ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ маст, сау калмау, ӕууылдта.
Уӕддӕр ма хорз, сӕ фысымтӕ Дыгургомы хорз адӕм уыдысты. Цӕрикъатӕ – сӕ мыггаг уыдис афтӕ. Сӕ мылгоймаг та Фадзайтӕй уыдис. Сӕ зӕронд ус дзӕбӕх лӕууыд бирӕ азты дӕргъы сывӕллӕттӕн сӕ зӕрдыл, мыггагӕй йӕ Темырон хуыдтой. Сӕхи кӕстӕрты разӕй-иу Дзӕрӕх ӕмӕ Дзамболаты къухы авӕрдта къӕбӕр. Мӕгуыр сӕ бон. Уыдис сӕм лигъдон адӕм ноджы…
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.