Цагъд бинонтæ сæ царды фæндтæ кодтой. Слæгтæ сты Дзæрæх æмæ Дзамболат. Хуртæ каст сæ кæнгæ хо Фæрдыгæй. Фæзæронд ис, кæй зæгъын æй хъæуы, Борæ дæр, фæлæ йæ кæстæртæй йæ зæрдæ рад æмæ-иу ницæмæуал дардта уæд йæ зынтæ. Фæлæ та иу бон арв ныннæрыд æмæ сау мæлæт Иры разагътайы лæгтæн сæ хуыздæрты æруыгъта. Се ‘хсæн уыд Дзомагъгоймаг Дзамболат дæр. Æрлæууыд æртын æвдæм аз. Сабыр дуг уыд, фæлæ дам сабыр дуджы дæр сæр æркъуырæн вæййы, - иухатт цъаммар Квинитадзе Гæззаты Есейæн куыд загъта…Калм куы аппары йæ хæрв, баззайы уæддæр уый калмæ…Дзамболат иу бон нал æрбаздæхт куыстæй. Гаглойты Рутены дæр уыцы бон æрцахстой.
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.