"Раскъæфын æй хъуыдис æмæ фæци. Уый дын Амырхан. Нысангарз æмæ фидыд", - рабадт зивæггæнгæ. Акаст рудзынгай, æмæ йын цыма исчи йæ хурхыуадындзтæ сæрдасæнæй ахауын кодта.
Æддейæ, кæрты, кæрæдзиуыл узæлынц сæ гадза æмæ ... бирæгъ-куыдз Алмас. Амырханы бирæгъ-куыдз. Иу фæкъæппæн ын йæ зæнджы хæцъæф чи акæрдæнтæ кодта. Йæ хурхысæртæ йын чи фæцæйрæдывта.
Сæхион дар æрдабон иннæтимæ... Ныр...
- "Ей, мæ мад æмæ мын мæ фыд кæй æвæрдтой..." - лæг фæсонтау.
Дарддæр Хъазиты Мелитоны уацау "Алмас"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.