Хъазиты Мелитон. Алмас. Уацау

АЛМАС. 7 хай

Sputnik
Арв, саузæрдæ, хæмпæлдзæсгом лæгау, æркалдта йæ бæзджын, пыхцыл æрфгуытæ. Се 'нæфенддаджы даргъ, фæныкхуыз хилтæ нылхынъытæ сты Цæгат-хъæды бæлæсты хихтыл. Цы сагъæс, цы фыдæх уыд "зæронд лæджы" зæрдæйы - фегом сты арвы дуæрттæ - "лæджы" цæстытæ, згъæлдысты æмæ сæ згъæлдысты судзгæ цæссыгтæ.
Цæгат-хъæды бæлæста дæр бафазмыдтой арвы - сæ цæссыг са ногахуырст цъæх-цъæхид цæстытæй сæ дæрзæг зæнгтыл ставд цæппузыртæй уад сæ къæхты бынмæ.
Сабыр, фæлмæнзæрдæ уддзæфæн сæм йæ бон нал бацис кæсын.
Дарддæр Хъазиты Мелитоны уацау "Алмас"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.