Дæлдæр къæхдзæхыл йæм лæууыд йæ хицау Абысал. Лæууыд æвзонг, тæлмуисы æнгæс чызгима. Чызгæн йæ цонджыстæвдæн сау дзыккутæй иу йæ синтыл ныхъхъус, иннæ, æрмахуыр стайы къæдзилау, ратыхс-батыхс кæны чызджы æрмттыл.
Цыма йæ тæлфаг, сау цæстытæ йæ разы кæрдæджытæ, дидинджыты налхъуыт-налмас хъусцæджыты æрттывдимæ быцæу кæнынц – судзынц са цины цырæгътæ. Уæддæр йæ сæрыл хæрдмæ нæ хæцы. Йæ аив, рæсугъд роцъо, цуркау, ныссагъта йæ къуыбыр риуты 'хсæн.
Лæппу тыхсы. Лæппу фæци зынджытыл лæуд. Ноджы йæ къухтæ цы фæкæна, уый нал зоны.
Дарддæр Хъазиты Мелитоны уацау "Алмас"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.