Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ, исчи!" у иууыл популярондæр фæсивæд æмæ студентты ᾿хсæн, радзырдта Sputnik йæ интервьюйы Хуссар Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар, фыссæг Хъазиты Мелитон.
Афтæ ма ныхасæмбал радзырдта фыссæджы сфæлдыстадон æмæ цардуагон хийæдтыл дæр.
"Володя сæйраджыдæр уыдис драматург æмæ уыцы арæхстдзинад цыдис йæ прозæмæ дæр. Æмæ æрмæст йæ прозæмæ нæ, фæлæ царды дæр афтæ уыдис, йе сконд уыди ахæм", - бахахх кодта Хъазиты Мелитон.
Куыд радзырдта Фысджыты цæдисы æмсæрдар, афтæмæй Владимир йæ цæрæн бынат фæивта Мæскуымæ æмæ уырдыгæй дæр йæ уарзондзинад здæхт уыд йæ райгуырæн бæстæмæ.
Дарддæр æмæ бæстондæрæй интервьюмæ байхъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.