Хуссар Иры МХМ радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавæры тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 янв – Sputnik. Республикæйы территорийыл иу къуыримæ фыдракæндтæ регистрацигонд не ‘рцыд, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæйы.
Алыгъуызон æхсæнадон фæткхæлдты тыххæй милицийы кусджытæ бæрндзинадмæ æрбаздахтой 19 адæймаджы.
"Ацæугæ къуыри республикæйы фæндæгтыл æрцыд иу фæндагон-транспорт цау. Аварийы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Афтæ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сбæлвырд кодтой фæндагон змæлды 153 фæткхалды. 10 шофыры фæдыл сарæзтæуыд административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй.