Алмас тагъд нæ кодта. Цыд сабыргай. Пыхсбынты. Цæст ыл куыд нæ схæца. Сыфтæрты сыбар-сыбур куы нæ цæуа. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу къутæрты аууон æрæвæрдта, йæ дзыхы дæргъæй-дæргъмæ цы тугæйдзаг агъд хаста, уый.
Æрхуыссыд-иу йæ фарсмæ. Ныхъхъуыста-иу фæйнæрдæм: никуыцæй ницы сым цæуы? Стæй та-иу араст.
Афонмæ хъæуы сæрты фæндагыл асыртт-сыртт кодтаид. Баирвæзтаид Цæгат-хъæдмæ. Уым та – йæ хæдзар. Уым æдас у. Æниу ын уыцы бынæттæ дæр æнæсгæрст не сты, фæлæ йыл æгæр æрбабон.
Дарддæр Хъазиты Мелитоны уацау "Алмас"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.