Хуссар Иры Фæллойады министрад исы кадрон резерв конкурсон бындурыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæллойад æмæ социалон хъахъхъæнынады министрады кадрон резервмæ бахизыны фæдыл конкурсы дыккаг этапмæ ахызтысты 86 адæймаджы, фехъусын кодта Sputnik уагдоны сæргълæууæг Гаглойты Олег.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хайад райсыны сæйраг домæнтæ сты конституци, паддзахадон граждайнаг службæ æмæ коррупцийы ныхмæ архайд, афтæ ма паддзахадон æвзæгтæ æмæ компьютерон техникæйы зонындзинæдтæ.
"Фыццаг этапы æрбадæттой æнæмæнгхъæугæ документаци. 86 адæймаджы бадæттой документты æмбырдгонд. Ацы æмбæстæгтæ ахызтысты конкурсы дыккаг этапмæ, кæцы нывæстгонд у 16 январмæ", - банысан кодта Гаглойты Олег.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, претендентты фылдæр хай сты Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты алыгъуызон азты рауагъдонтæ.