ЦХИНВАЛ, 9 янв – Sputnik, Гæбæраты Элина. Цхинвалы цæрæгæн, кæцы йæхи фехста хæцæнгарзæй, сарæзтой операци – дохтыртæ йын нымайынц йæ уавæр уæззауыл. Уый тыххæй журналисттæн радзырдта Республикон бирæпрофилон медицинон центры (РБМЦ) хирургон хайады хистæр Джиоты Сослан.
Медикы ныхæстæм гæсгæ, рынчын ис реанимацион хайады.
"Знон исæн хайадмæ æрбакодтой рынчыны уæззау уавæры. Цæфы моментæй операцийы онг уый фесæфта æртæ литры туг. Ахæм цæфтæ арæх нæ вæййынц", - радзырдта хирург.
Джиоты Сослан банысан кодта, ахæм цæфты фæстæ рынчындоны онг нал бахæццæ вæййынц.
"Нæлгоймагæн бынаты баххуыс кодтой, афтæ ма йæ рæстæгыл фæхæццæ кодтой рынчындонмæ, цы ран æй æвæстиатæй бакодтой операцион блокмæ", - банысан кодта дохтыр.
Дохтыр бахахх кодта, зæгъгæ, пациенты уавæры стабилизацийы фæстæ уый акæндзысты реабилитацимæ Уæрæсейы Федерацимæ.