Хъазиты Мелитон. Алмас. Уацау

"Фыдæмбæлæг Сано". 1 хай

Sputnik
Никуы нæ февдæлы. Æгæр мæгуыр нæхимæ дæр. Сау бон изæрмæ аууæтты хуысдзыстæм; дзырбыдтыл ирхæфсдзыстæм нæхи, изæрмилтæй-боныцъæхтæм домино тъæпп кæндзыстæм. Фынджы фарсмæ цыкарзæд нозтæ мардзыстæм нæ уд æмæ нæ хъуыды. Уæддæр нæ бирæ нæ иунæг хатт нæ фæфæнды нæхимæ æркæсын. Æниу нæ фæфæнды зæгъын чи зоны раст дæр нæу.
Ныр хъуыды кæнын афтæ: нæхи æппæтзонæг фенхъæлæм, афтæмæй нæ сæртæ куыд фæзилынц уый нæ фæхатæм. Мæ дзырд алкæй гакк æвдисæг у, уый зæгъæг нæ дæн, фæлæ арвы тыбар-тыбургæнæн къуырфы æвзист фат атæхгæ куы фенæм, уæд нæ хъуыды иунæг "стъалы атахт"-ыл цæмæн банцайы? Æмæ цæмæн атахт (?), кæцæй ратахт (?), кæдæм атахт уыдон дæр фæзонæм? "О" ма зæгъ. Искæй хъуыдытыл æмбарын кæнæныл æй ма схæц, бирæ йæ дзырдты рæстдзинадыл йæхæдæг дæр нæ фæуæнды. Ноджы ма йын искæй æвзагыл куы нылхынцъытæ вæййынц!
Дарддæр Хъазиты Мелитоны уацау "Фыдæмбæлæг Сано"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.