Æрæджиау та уыд йæ дзуапп:
– Гæххæтт.
– Цæй гæххæтт?
Цыма карчы цъиу уыд. Цыма мын уый хуызæттæ дзугтæ уыдысты. Йæ фыдæн та революцийы гæрахæй ахаста йæ син хæрам. Сæ кæрæдзи нæ базыдтой.
–Хъуамæ дзы æнæмæнг исты бæрæг райстаис.
– Фæлæуу-ма, бур Цупыл дам горæты куы цæры, никуы йын сæмбæлыс?
–Нæ горæт цас стыр у, йæ адæмы йын хъæрццыгъа лæггай бон цалдæр нымады бакæндзæнис, лæг дзы лæгыл куы нæ хъуамæ сæмбæла, ноджы ма милицийы куы куса.
Афтæ загътон Санойæн дæр.
Дарддæр Хъазиты Мелитоны уацау "Фыдæмбæлæг Сано"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.