Адæймагæн йæ ном йемæ райгуыры, растдæр зæгъгæйæ, фыццаг райгуыры адæймаг, стæй та – ном. Ацæмæзæн фыццаг йæ ном райгуырд. Æргомдæр уыдзынæн. Уыд уалдзæг, бæлвырддæрæй фæсуалдзыгон бон.
Нæ хæхбæсты зымæг залтымит ныууары, зымæгон хуры цæст арвæй – зæххмæ, уымæй дæр мæнæ Хурзæрины цыллæтындæн, мæнæн худгæ-заргæйæ у зæгъгæ, йæхи цы нæ сæтты, æндæр йæ балц дæр фыруазалæй, æмпылд æмæ зыр-зынгæнгæ. Миты хъæпæнтæ æнæхъæнчй уалдзыгон хуры тынты фыдæбойнаг фæвæййынц. Зæх та митхæцъулы бын фынæйгæнаг у.
Дарддæр Хъазиты Мелитоны уацау "Сыгъзæрин уадындз"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.