Курскы областы æрыппæрстой æртæ украинæйаг ракетæ "Точка-У"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 янв - Sputnik. Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой æртæ украинæйаг ракетæ "Точка-У" Курскы областы, фехъусын кодтой къуырисæры Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады.
"Дысон æхсæвы иуварсгонд æрцыд Киевы режимы террористон атакæйы фæлварæн Уæрæсейы Федерацийы объекттыл "Точка-У" ракетæтæй пайдагæнгæйæ. Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ скуынæг кодтой æртæ ракетæйы Курскы областы", - загътой уагдоны.
Киевы режим арæх æхсы Уæрæсейы централон æмæ арæнгæрон регионтæ æнæпилотон тæхæг аппаратты руаджы æмæ дзы саразы диверситæ, хъусын кæны РИА Новости.