Хъазиты Мелитон. Алмас. Уацау

Сыгъзæрин уадындз. 2 хай

Sputnik
Æмæ рахауд уыцы æхсидав, рахауд бон сихорафон, тæккæ фæззæджы тарфы. Адæм та сæ фæзæджы куыстытыл уыдысты: тыдтой нартхор.
Зайгæ диссаджы нартхор æркодта уыцы фæззæг. Хъыбылы нарды йас æфсиртæ ныззæбул сты нартхоры ставд зæнгтыл. Стæй сæ нæмгуытæ: ставд, бæхы дæндæгты хуызæн, сæ уындæй адæймаджы зæрдæйы сыгъд мыдадзын цырæгътæ æмæ тагъд кодтой колхозонтæ.
Фæззыгон къæвдатæ нæма райдыдтой, фæлæ бæрæг нæ уыд арвы гуыбын кæд фæкъæртт уыдзæнис. Фæззæгæн та арвæй иу æртах æрхауын йæ зын, стæй къæвдаты къæдзил нал аскъуыйдзæн.
Дарддæр Хъазиты Мелитоны уацау "Сыгъзæрин уадындз"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.