Цхинвалы иуварс кӕнынц тыхджын митуарды фӕстиуджытӕ, кӕцы бахъыгдардта горӕты бӕлӕстӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 янв - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хӕрзарӕзтады фӕткдаруат иуварс кӕны тыхджын митуарды фӕстиуджытӕ Хуссар Ирыстоны столицӕйы. Горӕты администрацийы пресс-службӕйы радзырдтой, Ног азы размӕ митуард зиан кӕй ӕрхаста горӕты бӕлӕстӕн.
"Паддзахадон унитарон куыстуат "Хӕрзарӕзтад" ацы этапыл иуварс кӕны декабры кӕрӕтты тыхджын митуарды фӕстиуджытӕ. Уӕд митуард бахъыгдардта бирӕнымӕц бӕлӕстӕ. Бӕлӕстӕ ныридӕгӕн ӕхсӕдынц, цӕмӕй уыдоны ӕрдӕгцъӕл къалиутӕ тӕссагдзинад мауал хӕссой", - загъта пресс-службӕйы кусӕг.
Мэрияйы ма бафтыдтой, зӕгъгӕ, "Хӕрзарӕзтад"-ы кусджытӕ кусынц цӕрджыты куырдиӕттӕм гӕсгӕ дӕр бӕлӕстӕ ӕхсӕдыны фӕдыл.