Хуссар Ир бавдисдзӕн йӕ продукци "Продэкспо-2024"-йы Мӕскуыйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 янв - Sputnik. Хусссар Ирыстон цӕттӕ кӕны хӕлцадон продукттӕ ӕмӕ нозты Ӕхсӕнадӕмон равдыст "Продэкспо-2024"-йы хайад райсынмӕ. Равдыст ацӕудзӕн Мӕскуыйы 5-9 февралы, радзырдтой экономикон райрӕзты министрады.
Национ экспозицийы организатор у Хуссар Ирыстоны базарадон минӕварад Уӕрӕсейы.
Амалиуӕггӕнджытӕ, кӕцыты фӕнды бавдисын сӕ продукци, хъуамӕ бадзурой базарадон минӕварадмӕ 2 февралы онг.
"Амалиуӕггӕнджытӕн фадат ис сӕхицӕн раразмӕ кӕнын сӕ продукци кӕнӕ та йӕ раттын организатортӕн экспозицийӕн, равдысты уыдон радзурдзысты Хуссар Ирыстоны продукттӕ ӕмӕ нозты тыххӕй. Фарон Хуссар Ирыстоны президент йӕ хайадистӕй балӕууыд амалиуӕггӕнджыты фарс ӕмӕ фехъусын кодта, цӕттӕ кӕй у ӕххуыс кӕнын бизнесӕн", - загъта базарадон минӕвар Таймураз Гогинов.
Ивгъуыд равдысты уазджытӕм стыр цымыдис сӕвзӕрын кодта хуссарирыстйонаг компаниты продукци, сӕйраджыдӕр, "Высокогорная кельская пивоварня".
Хуссар Ир бавдисдзӕн йӕ продукци "Продэкспо-2024"-йы Мӕскуыйы