Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады офицертӕ рацыдысты разысгарӕн цӕттӕкӕнынад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады уагъд цӕуынц ахуыртӕ, кӕцыты рӕстӕджы ӕфсӕддон фӕткдаруаты офицертӕ сахуыр кодтой разысгарӕн цӕттӕкӕнынады курдиат, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Сахуыр кодтой ахуырадон фарстытӕ нырыккон мадзӕлтты фӕдыл, кӕцытӕй пайда кӕны дзырдӕй ныхмӕлӕууӕг ацы здӕхты", - банысан кодтой министрады.
Афтӕ ма офицертӕ фӕфылдӕр кодтой сӕ зонындзинӕдтӕ тактикон цӕттӕкӕнынадӕй, лӕмбынӕгӕй ӕркастысты фарстытӕм, кӕцытӕ хауынц дӕлхайӕдты хъахъхъӕнынады бындуртӕм.
Уагдоны ма бафтыдтой, зӕгъгӕ, ахӕм ахуыртӕ цӕуынц иудадзыг, цӕмӕй фӕфылдӕр кӕной офицерты сконды зонындзинӕдтӕ.