ЦХИНВАЛ, 16 янв – Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) ӕвджид сывӕллӕтты рынчындоны уагъд цӕуынц консультацитӕ неврологон профилы низтимӕ сывӕллӕттӕн. Пациентты исдзысты къуырийы дӕргъы, уыцы рӕстӕджы дохътыр басгардзӕн 23 пацииенты. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта травматолог-ортопед Цыбырты Георгий.
"Абоны бонмӕ райстмӕ сӕхи ныффыстой 10 пациенты. Ӕз басгарстон цыппар сывӕллоны, дыууӕ пациенты хъӕуы хирургон хоскӕнынад. Мах ныййарджытимӕ ӕрдзырдтам операцитӕм цӕттӕкӕнынадыл", - загъта дохтыр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, операцитӕ снысан кодтой февральмӕ ӕмӕ ацӕудзысты сывӕллӕтты рынчындоны. Уымӕй дарддӕр ацы къуыри Цыбырты Георгий ауадздзӕн ӕртӕ операцийы уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕн.
Специалисты балц сорганизаци кодтой Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Джыгкайты Томас.
Уӕрӕсейаг специалист исы ДЦП-имӕ пациентты сывӕллӕтты рынчындоны
© Sputnik / Аманда Томаева