Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады офицертæ ахуыр кæнынц мобилизацион цæттæкæнынад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады уагъд цæуынц теоретикон ахуыртæ мобилизацион цæттæкæнынады фæдыл, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
"Фыццаг этапыл æркастысты фарстытæм, кæцытæ хауынц сæрмагонд сконд æрæмбырд кæнын организаци æмæ куыст фæткмæ", - банысан кодтой министрады.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, ахуыртæ уагъд цæуынц, цæмæй фæфылдæр кæной мобилизацион цæттæдзинад æмæ кадрон дæлхайæдты мобилизацион ресурстæй баххæст кæной.