Сергей Лавров: БРИКС-ӕн ис стыр фидӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. БРИКС-имӕ ӕввахс бастдзинӕдтӕ саразыны фӕнд ис 30-мӕ ӕввахс бӕстӕйӕн, ацы иугондӕн ис стыр фидӕн, фехъусын кодта Уӕрӕӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) разамонӕг Сергей Лавров йӕ хатдзӕгон пресс-конференцийы рӕстӕджы.
"Уӕрӕсе 1 январӕй фӕстӕмӕ райста БРИКС-ы сӕргълӕууӕджы бартӕ. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Уӕрӕсейы Федерацийы уӕлдай хъусдард здӕхт уыдзӕн ног бӕстӕты иумӕйаг куыстмӕ ӕрбаздахынмӕ", - хъусын кӕны Лавровы ныхӕстӕ РИА Новости.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 30-мӕ ӕввахс бӕстӕйы нывӕндынц аразын ӕввахс бастдзинӕдтӕ БРИКС-имӕ, ацы иугондӕн хайадисджыты глобалон скондимӕ ис стыр фидӕн.