ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. Цхинвалы горӕты администрацийы ӕвджид Паддзахадон унитарон куыстуат "ИР-Дизайн" ивы натрион лампӕтӕ светодиодонтыл, кӕцытӕ сты эффективондӕр ӕмӕ къаддӕр рухс хардз кӕнынц.
"Натрион лампӕтӕ хардз кӕнынц 250 ватты, светодиодон лампӕтӕ та 150 ватты, афтӕ ма сӕ куысты ӕмгъуыды гаранти дӕр у дыууӕ азӕй фылдӕр", - хъусын кӕны администрацийы пресс-службӕ.
Ныртӕккӕ плафонтӕ ӕмӕ лампӕтӕ ӕвӕрд цӕуынц Джиоты Аланы проспектыл.
Горӕты рухсыты модернизацийы фӕдыл программӕ райдыдта 2023 азы.