Уæрæсе сæххæст кæндзæн СÆО-йы нысæнттæ Украинæйы, фехъусын кодта Лавров

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 янв – Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) разамонæг Сергей Лавров фехъусын кодта, Уæрæсе кæй сæххæст кæндзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) нысæнттæ Украинæйы.
"Мах æххæст кæндзыстæм СÆО нысæнттæ цадæггай, æмæ сæ æнæмæнг сæххæст кæндзыстæм", - фехъусын кодта Лавров йæ хатдзæгон пресс-конференцийы рæстæджы.
Уæрæсейы æддагполитикон уагдоны сæргълæууæг Серей Лавров цыппæрæмы дзуапп кæны журналистты фарстытыл традицион пресс-конференцийы рæстæджы 2023 азы куысты хатдзæгты фæдыл.
Пресс-конференцийы хайад исынц уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг Дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ.