ЦХИНВАЛ, 19 янв - Sputnik, Гæбæраты Элина. Цхинвалы администрацийы æвджид хореографион ансамбль "Ирон" рамбылдта гран-при фестиваль "Мир искусства"-йы Мæскуыйы. Уый тыххæй радзырдта Хуссар Ирыстоны сгуыхт арститкæ, ансамблы аивадон къухдариуæггæнæг Хуыгаты Диана республикæйы мыхуыр æмæ информацийы комитеты пресс-конференцийы рæстæджы.
Конкурсы хайадистæй дарддæр сывæллæттæн сорганизаци кодтой экскурситы программæ Мæскуыйы.
"Фестивалы программæ уыд хъæздыг, хайад дзы истой артисттæ Уæрæсейы 16 регионæй. Мах рамбылдтам гран-при", - радзырдта Хуыгаты Диана.
Уый ма банысан кодта, ансамбль дарддæр кæй кусдзæн æмæ размæ цæудзæн.
Фестивалы жюри рахицæн кодта ансамбль "Симд" æмæ "Испайнаг" кафты тыххæй, коллектив гран-при та райста "Хæххон" кафты тыххæй.