ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik. Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) кусджытæ æрцахстой Алтайы крайы цæрæджы Барнаулы УФ Хъахъхъæнынады министрады объектыл теракт саразыны фæлварæны тыххæй, хъусын кæны РИА Новости уагдоны регионалон дæлхайадыл æнцойгæнгæйæ.
"Уæрæсейы ФÆС кусджытæ Алтайы крайы æрцахстой УФ æмбæстаджы, кæцы нывæндыд сæххæст кæнын теракт Барнаулы", - дзырдæуы хъусинаджы.
ФÆС бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ноябры нæлгоймаг интернеты уылты ссардта басдзинад террористон æфсæддон организациимæ, кæцы тобæгонд у Уæрæсейы территорийыл. Ныхасы рæстæджы фыдгæнæг фехъусын кодта, цæттæ кæй у сæххæст кæнын террористон архайд Барнаулы административон объекттыл æмæ регионы фыццаг гоймæгты ныхмæ.